Кировы районы Ираны аразынц ахсджиаг социалон объекттæ
Кировы районы Ираныхъæуы сандæггай сæ тыхы цæуынц национ проекттæ. Зæгъæм, хъæуы сæйрагдæр уынгтæ сног кодтой. Уыимæ ма æнтыстджынæй райдыдтой аразын ног рæвдауæндон. Бынæттæ нывыл кæнынц, хъæуы сыгъдæгдзинадыл архайынц. Куыстытæ цæуынц ам æнæрлæугæйæ. Ираныхъæуы национ проект «Демография»-йы фæлгæты аразынц ног рæвдауæндон. Уыдзæн дзы æппæт хъæугæ уавæртæ. Ныртæккæ сывæллæттæ вæййынц зæронд бæстыхайы. Цæуы йыл 70 азæй фылдæр. Ног рæвдауæндоны уыдзæн бынат 20 сывæллонæн. Ацы бынаты раздæр уыд культурæйы галуан. Районы администраци уынаффæ рахаста гаулан фехалын. Национ проект «Культура»-йы фæлгæты фидæны йæ фарсмæ райдайдзысты аразын культурæйы ног артдзæст. Ныр та уал ацы бынаты цæрджыты хъарутæй, хъæуы сæргълæууæг сæ сæргъы афтæмæй, арæзазынц спортивон зал. Ныридæгæн дзы самадтой къултæ. Къух куыд амона, уымæ гæсгæ бæстыхайæн æрæмбæрздзысты йæ сæр дæр. Ираныхъæуы ма æнтыстджынæй архайынц æхсæнадон -территориалон хиуынафæйады уæнгтæ. Æфснайæн зиутæ расидынц, бæстонæй бæрæгбæттæм цæттæ кæнынц, фæкæсинаг адæммæ хъæугæ цæст дарынц. Ацы хъуыддæгтæ къухы æфтынц сæ бæстон куысты руаджы. Абон сæ ахадындзинад тыхджындæр кæны. Риссагдæр фарстатæ аиуварс кæнынмæ алкæд вæййынц цæттæ. Ацы аз ма бызылдысты фæндæгты уавæрмæ дæр. Фæндаггон фонды программæмæ гæсгæ, хъæуы сæйрагдæр уынгтæ банывыл кодтой. Сты лæгъз æмæ цæуынæн æнцон. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Кировы районы Ираны аразынц ахсджиаг социалон объекттæ
Категория:
Новости и СМИ