Фермерон хæдзарад «Авлохов» рамбылдта хъæууон хæдзарадон грант

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

Экологон æгъдауæй сыгъдæг æмæ хæрзхъæд продукттæ уадзын, фермерон хæдзарæдтæн хъæугæ æххуыс бакæнын. Республикæйы хъæууон хæдзарады министрады фæрцы æххæстгонд цæуы программæ «Семейная фермæ», зæгъгæ. Йæ фæрцы райсæн ис грант æмæ банывыл кæнын фермерон хæдзарæдтæ. Уыцы грантæй хайджын фæцис фермерон хæдзарад «Авлохов» дæр. Куыд дзы спайда кодтой, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæг. Нæ республикæйы хъæууон хæдзарады министрад программæ «Семейная фермæ» -йы фæлгæты стыр æххуыс кæны амалхъом адæмæн. Комсомольское хъæуы фермерон хæдзарад «Авлохов»-ы минæвæрттæм дыууæ азы размæ ацы программæйы фæрцы райстой грант. 14 милуан сомы грантæй балхæдтой 118 дыгæрдыджы æмæ базылдысты сæ хæдзарадмæ. Хæдзарад «Авлохов» йе`вæрæн хъæууон-хæдзарады рæзтмæ фыццаг аз нæ хæссы. Фосдарыны куыстæй уæдай-ма дарынц кæсæгтæ дæр. Сæ фермæмæ хæстæг ис, йæ фæзуат 36 гектары кæмæн у, ахæм цад. Ныридæгæн уал уыцы цады бауагътой карп кæсаджы лæппынты. Хæдзарады разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, уыдон фæззæгмæ фестырдæр уыдзысты. Нæ республикæйы хъæууон-хæдзарады министрад ацы программæ æххæст кæны æрмæстдæр иу нысанимæ: фæнды сæ экологон æгъдауæй сыгъдæг æмæ хæрзхъæд продукттæ уадзыны хъуыддагыл хорзырдæм сахадын. Уымæ гæсгæ дзы бацархайын йæ бон у куыд фæлтæрдджын фермертæн, æфтæ, ацы къабазы фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдонæн дæр. Уымæн æрмæстдæр хъæуы æмбæгæ гæххæттытæ министрадмæ бадæттын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv