Лекъты Аннæ конкурс «Цæгат Ирыстоны хуыздæр дохтыр» ы уыд раззагдæрты 'хсæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 лет назад

Йæ дæсныйадыл æнувыд. Дохтыр-терапевт Лекъты Аннæ «Цæгат Ирыстоны хуыздæр дохтыр»-ы конкурсы сси æртыккаг бынаты хицау. Нæ æрмæджы хъайтар æй сабибонтæй зыдта дохтыр суыдзæн, уый. Лекъты Аннæ алкæддæр дæр æрбалæууы рынчынты фарсмæ. Йæ царды стырдæр хæсыл нымайы адæймагæн æххуыс кæнын. Лекъты Аннæйы сабибонты бæллиц дохтыр-терапевт суæвын. Скъолайы фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны медицинон академимæ. Медицинæйы йæхи ссардта терапийæйы къабазы. Ныр цалдæр азы кусы Николаевскæйы станицæйы амбулаторийы. Лекъты Аннæйæ стыр бузныг сты йæ рынчынтæ дæр. Куыд хистæртæ, афтæ кæстæртæ дæр. Дохтыры Николаевскæйы хъæуы зоны алчидæр. Бахууыс кæнынмæ алкæддæр вæййы цæттæ. Конкурс «Хуыздæр дохтыр»-ы Лекъты Аннæ бацархайдта йе мкусджыты æмæ йæ хæлæртты хъæппæрисмæ гæсгæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй дызæрдыг кодта, фæлæ йæ фæлтæрдзинад æмæ зонындзинадтæ тынг бахууыс кодтой. Пандемийы рæстæг Лекъты Аннæ фыццæгты 'хсæн архайдта ног низæй рынчынты дзæбæх кæныныл. Куыста Дигорайы сæйраг рынчындоны. Бирæ цæрджыты цард бахъахъхъæдта. Дохтыр куыд зæгъы, афтæмæй йæ дæсныйады йын сæйраг у адæмæн пайда уæвын æмæ æххуыс кæнын. Пелиты Сæбинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Лекъты Аннæ конкурс «Цæгат Ирыстоны хуыздæр дохтыр» ы уыд раззагдæрты 'хсæн

Категория:

Новости и СМИ