Æнæнхъæлæд жы цауты министрад æмæ зоолог сарæзтой дæсныйадæвдисæн ахуыртæ онлайн хуызы
Адæймагыл калм куы фæхæца, уæд ын фыццаг æххуыс бакæнын куыд хъæуы, уый тыххæй базыдтой социалон хызæгтӕй пайдагæнджытæ. Зоолог Дзуццаты Зауырбег æмæ республикæйы Æнæнхъæлæджы цауты министрад сарæзтой дæсныйадæвдисæн ахуыртæ онлайн хуызы. Калмыл куы сæмбæлай, уæд хи куыд дарын хъæуы, уый тыххæй радзурдзæн Дзæдзойты Фатимæ. Куыддæр бон æрбацъæх вæййы, афтæ Дзуццаты Зауырбег фыццаг бабæрæг кæны йæ цæрæгойты. Хæдзарон фосæй дарддæр ма дары уырыты мыггаджы зынаргъ хуызтӕ. Зауырбег у зоолог. Къорд азы размæ байгом кодта сырдты реабилитацион центр «Гришка». Ирыстоны цæрджытæй бирæтæн у зонгæ. Хъæстæ калм бурхъус калмæй куыд ис раиртасӕн æмæ цавæр хилæгойтӕ ис Цæгат Ирыстоны? Уый тыххæй Зауырбег радзырдта социалон хызæгтӕй пайдагæнджытæн. Онлайн хуызы дæсныйадæвдисæн ахуырты архайдтой республикæйы Æнæнхъæлæджы цауты министрады кусджытæ дæр. «Калмы куы нæ хъыгдарай, уæд дæм нæ бавналдзæн. Цæрæгой арæхдæр архайы йæхи бахъахъхъæныныл», - радзырдта Дзуццаты Зауырбег. Фæлæ, иугæр адæймагыл калм фæхæцыд, уæд фыццаг æххуыс бакæнын куыд хъæуы? Хус æмæ тæвд рæстæджы хилæгойтӕ фылдæр вæййынц. Зауырбеджы ныхæстæм гæсгæ, адæймагыл æмбæлын сæхи дæр нæ фæфæнды æмæ дзы сабыргай хи айсын хъӕуы. Калмы хæцты фæстæ æвæстиатæй хъæуы дохтырты æххуыс. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv