Æппæтадæмо н аэропорт «Дзæуджыхъæу» 2021 азы июны суазæг кодта 68 мин адæймагæй фылдæр
Æппæтадæмон аэропорт «Дзæуджыхъæу» 2021 азы июны суазæг кодта 68 мин æмæ 4 сæдæ адæймаджы. Уый, 2019 азимæ абаргæйæ, у 36% фылдæр. Æппæты фылдæр та иу суткæмæ аэропорты лæггæдтæй спайда кодтой 25 июны, 2 мин 7 сæдæ адæймаджы. 6 мæймæ та бæлцæтты иумæйаг нымæц уыд 320 мин адæймаджы. Фæнысан ма кæндзыстæм уый, æмæ 11 июлæй фæстæмæ байгом уыдзæн уæлдæфон рейс Бакумæ. Уымæй уæлдай ма Мæскуымæ рейсытæ сабат æмæ хуыцаубоны. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv