Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ дарддæр аразынц профилактикон рейдтæ цæстфæлдахджыты ныхмæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

26 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

26 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

26 просмотров

6 лет назад

Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ дарддæр аразынц профилактикон рейдтæ цæстфæлдахджыты ныхмæ. Сæрмагондæй се `ргом здахынц хистæр кары адæммæ. Профилактикон мадзæлтты сæйраг нысан у нæ республикæйы цæрджыты гæды митæй бахъахъхъæнын. Арæхдæр фыдгæнджытæ адæмы сайынц, интернеты цы дуканитæ ис, уыдоны фæрцы. Пъæлицæйæгтæ цæрджытæн æмбарын кæнынц, сæхи ахæм хъуыддæгтæй куыд бахизой æмæ сæхи знаггадгæнджыты митæй куыд бахъахъхъæной, уыцы мадзæлттæ. Цæрджытæн уый охыл байуарынц информацион сыфтæ дæр. Равæрынц сæ æхсæнадон бынæтты, ахуыргæнæндæтты, базарадон центрты æмæ дуканиты. Стыр æргом пъæлицæйæгтæ здахынц, дистанцион хуызы цы цæстфæлдахæн митæ `рцæуы, уыдонмæ. Арæхдæр ахæм хуызы адæмæн сæ банчы картæтæй æхца æрбасатар вæййы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ дарддæр аразынц профилактикон рейдтæ цæстфæлдахджыты ныхмæ

Категория:

Новости и СМИ