Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Фæрниаты Тамерлан æрдзырдта цæрджытимæ сæ фарстатыл
Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Фæрниаты Тамерлан æрдзырдта цæрджытимæ сæ фарстатыл. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йыл æххæст кæны 19 азы. Уымæ гæсгæ нæ бæстæйы партийы уæнгтæ ныхас кæнынц цæрджытимæ. Коронавирусы низ кæй парахат кæны, уый тыххæй адæмы курдиæттæм бынæттон администрацийы разамонæг йе ’ргом раздæхта телефонæй ныхасы рæстæг. Æдæппæтæй æрдзырдта 11 цæрæгимæ. Уыдон рагагъоммæ партийы исæнуатмæ арвыстой сæрмагонд курдиат. Фарстатæ фылдæр баст уыдысты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, арæзтад æмæ скъолайы агъоммæйы ахуырадимæ. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ Фæрниаты Тамерлан æппæт фарстатæ аиуварс кæнын бабар кодта профилон разамонджытæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Фæрниаты Тамерлан æрдзырдта цæрджытимæ сæ фарстатыл
Категория:
Новости и СМИ