2 755 адæймаджы фæрынчын сты коронавирусæй Цæгат Ирыстоны
Коронавирусæй чи фæрынчын, уыдоны нымæц Цæгат Ирыстоны у 2 755. Ивгъуыд суткæмæ сыл бафтыд 53 адæймаджы. 1 570 коронавирусæй сдзæбæх сты. Уый тыххæй хъусын кæны нæ республикæйы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени. Рынчынтӕн медицинон ӕгъдауӕй ӕххуыс кӕнынц дохтыртӕ. Лӕмбынӕг цӕстдард цӕуы, рынчынтӕ хӕстӕг кӕимӕ ӕмбӕлыдысты ӕмӕ ныхас кӕимӕ кодтой, уыдонмӕ дӕр. Æдæппæтæй covid -ы аххосæй республикæйы фæмард 37 адæймаджы. Фæсарæнтæй чи сыздæхт æмæ дохтыртæ кæмæ кæсынц, уыдоны нымæц у 1 238 адæймаджы. Карантины хыгъдæй ист адæмы нымæц та – 6 126 адæймаджы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
2 755 адæймаджы фæрынчын сты коронавирусæй Цæгат Ирыстоны
Категория:
Новости и СМИ