Бæхты паддзахадон драмон театр «Нартæ» йæн сарæзтой æхгæд ангар
Бæхты паддзахадон драмон театр «Нартæ»-йæн æрæджы дæр ма зымæгон æмæ къæвдайы рæстæг репетицитæ кæныны фадат нæ уыд. Ныр, артистты бон у кæддæриддæр сæ дæсныйадыл бакусын. Театрæн сарæзтой æхгæд ангар республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы æххуысæй. Ног ангары цы манеж ис, уым артисттæ кусынц бæхтимæ. Раздæр-иу зымæгон æмæ къæвдаты рæстæг театрæн йæ куыст æрлæууыди. Уымæн æмæ сæ репетицитæ цыдысты гом арвы бын. Ныр сфæлдыстадон къорды уæнгтæн фадат ис сæ дæсныйадыл кусын æрвылбон. Театрæн 30 азмæ фыццаг хатт фæзынд ахæм уавæртæ. Æхгæд ангар сарæзтой республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ культурæйы министрады æххуысæй. Уымæй уæлдай ма сын бантыст 7 ног бæхы самал кæнын. Араббаг æмæ андалусаг. Къæпхæнгай сæ артисттæ ахуыр кæнынц. Театры бирæ азты дæргъы чи кусы, уыдон фидарæй зæгъынц, фыццаджыдæр бæхы бауарзын хъæуы, стæй уæд арститимæ кæрæдзийы æнцондæртæй бамбарынц. Театры ныртæккæ ис 20 артисты. Се 'хсæн, куыд фæсивæд, афтæ хистæр фæлтæр дæр. Кæд театр техникон фæрæзтæй цух æййафы, уæддæр дзы æппынæдзух кусынц аивадуарзджыты зæрдæтæ бахъæлдзæг кæныныл. Ныртæккæ театры нæй нывгæнæг, декоратор, нæй сын костюмты цех дæр. Уымæ гæсгæ, спектакльтæ æвæргæйæ арæх сæмбæлынц зындзинæдтимæ. Фидæнмæ театрмæ бирæ фæндтæ ис. Ног азмæ сабитæн хъавынц спектакль бацæттæ кæнын. Уыимæ ма, хæстæгдæр рæстæг, Битарты Вячеславы уынаффæмæ гæсгæ, театры фæзындзæн егъау ангар. Афтæмæй театрæн йе сфæлдыстадон гæнæнтæ зынгæ фæуæрæхдæр уыдзысты. Ног цымыдисаг спектальтæ æмæ равдыстытæй сæ театруарзджыты кæй сцымыдис кæндзысты, уый нæ фидарæй уырны. Хуасдзауты Алинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Бæхты паддзахадон драмон театр «Нартæ» йæн сарæзтой æхгæд ангар
Категория:
Новости и СМИ