Цæгат Ирыстоны дыууæ колледжы райстой гранттæ се ’рмадзтæ сног кæнынæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

16 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

16 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

16 просмотров

5 лет назад

Нацпроект «Ахуырад»-ы федералон программæйы фæлгæты Æрыдоны аграрон-технологон æмæ Элхотты бирæпрофилон колледжтæ ифтонг кæнынц ног æрмадзтæй. 80 милуан сомæн грант дыууæ ахуыргæнæндоны адих кодтой кæрæдзийы ’хсæн. Ног лабораторитæ æмæ æрмадзтæ цы уавæры сты, уый федтой ме ’мкусджытæ. Елхотты бирæпрофилон колледжы æххæст кæнынц федералон грант. Ног ахуыры азмæ дзы фæзындзæн 8 нырыккон æрмадзы. Хи хъарутæй колледжы кусджытæ цæттæ кæнынц лабораторитæ хæринаггæнджытæн, адджинаггæнджытæн, дзулфыцсджытæн æмæ ма ахорæн цехæн. Елхотты бирæпрофилон колледж ныр грант райста дыккаг хатт. Фарон æхцайы фæрæзтæй самал кодтой сæрмагонд техникæ: трактортæ æмæ КАМАЗзтæ. Хъæугæ кусæнгæрзтæй сифтонг кодтой хъармгæнæнтæ. Ацы аз та грант райстой 44,5 милуан сомæн. Нацпроект «Ахуырад»-ы фæлгæты æххæстгонд цæуы «Развития образования», зæгъгæ. Паддзахадон программæйы уæлахиздзау сси Æрыдоны аграрон технологон колледж. Ам дæр фæзындзæн ног лабораторитæ. 8 æрмадзæй 6 цалцæггонд æрцыдысты. Рады лæууынц хъæдæрмæгимæ кусæн æрмадз æмæ ландшафтон дизайны студи. Фидæны æрмадзты æмæ лабораториты банывыл кодтой дондзæуæн æмæ вентиляцион системæтæ. Балхæдтой хъæугæ дзауматæ æмæ кусæнгæрзтæ. Куыст цæуы æрвылбон. Ахæм егъау рацарæзт Цæгат Ирыстоны техникумтæ æмæ колледжты никуы цыд. Паддзахадон æххуысы фæрцы студенттæн фадат ис сæ дæсныйадыл æмбæлгæ уавæрты ахуыр кæнын. Теорийы фæстæ сæ зонындзинæдтæ равдисдзысты практикæйы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv