Дыгуры районы аив кæнынц хæстон цыртдзæвæнтæ, æфсымæрон ингæнтæ
Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуынц Уæлахизы 76-æм азы бонмæ цæттæгæнæн мадзæлттæ. Дыгуры районы аив кæнынц мемориалтæ æмæ æфсымæрон ингæнтæ. Æдæппæтæй 23 цыртдзæвæны. Хъарман-Сындзыхъæуы æфсымæрон ингæн сцалцæг кæндзысты сæрмагонд федералон программæмæ гæсгæ. Скъолаты ацæудзысты хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинады урочытæ. Алыхуызон тематикон концертон программæтæй сбуц кæндзысты цæрджыты æмæ сæйраг хъайтарты – ветеранты. Цæтæгæнæн мадзæлтты тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн нæ уæцхæссæг Гæззаты Зæринæ. Æрхæццæ та кæны æппæт Советон Цæдисы адæмы зæрдæтæ дæр æхсызгонæй цы Уæлахизы бон сагайтта, уый. Ацы аз, раздæрау, нæ республикæйы районты минæвæрттæ тынг зæрдиагæй цæттæ кæнынц бæрæгбонмæ. Фæстæ нæ баззад Дыгуры район дæр. Аив кæнынц мемориалтæ æмæ æфсымæрон ингæнтæ. Æдæппæтæй 23 цыртдзæвæны. Хъарман-Сындзыхъæуы æфсымæрон ингæн сцалцæг кæндзысты сæрмагонд федералон программæмæ гæсгæ. Тагъд Дыгуры районы фæзындзæн Уæлхизы парк дæр. Районы культурæйы управленийы минæвæрттæ дæр ацы кадджын бæрæгбонмæ, районы культурæйы хæдзæрттимæ æмгуыстгæнгæйæ, цæттæ кæнынц хæстон тематикæйыл концертон программæтæ. Бæрæгбоны фæлгæты сæ зæрды ис сбуц кæнын районы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты сæйраг хъæбатырты-ветеранты. Баззадысты ма авдæй. Эпидемиологон уавæр хынцгæйæ, æмæ низ апарах кæнынæй ма тас кæй у, уымæ гæсгæ ветерантæм сæхимæ кафт æмæ зардимæ уазæгуаты ацæудзысты. Афæдзæй-афæдзмæ районы минæвæрттæ архайынц цæрджыты бæрæгбоны мадзæлттæй сцымыдис кæныныл. Ацы хатт дæр та фæтк нæ хæлы. Бæрæгбоны фæлгæты арæзт æрцæудзысты алыхуызон спартакиадæтæ, хæдтулгæтыл дугътæ. Фарон нæ республикæйы бæрæгбоны мадзæлттæ фæкъуылымпы сты. Ацы стыр хорздзинадыл æхххæстæй нæ бацин кодтам, бæрæгбон арвыстам онлайн хуызы. Ныр низ фæсаст, æмæ нын бæрæгбоны алы уысм дæр хæссдзæн уæлдай æхсызгондзинад. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дыгуры районы аив кæнынц хæстон цыртдзæвæнтæ, æфсымæрон ингæнтæ
Категория:
Новости и СМИ