Æфсадмæ уалдзыгон расидты кампанийы фарстатыл æрдзырдтой сæрмагонд æмбырды рæстæг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

Цæгат Ирыстоны 265 адæймагмæ фæсидтысты æфсады службæ кæнынмæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой уалдзыгон расидты фарстаты фæдыл къамисы æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта Сергей Меняйло. Æмбырды æрдзырдтой медицинон æркасты бынæтты ифтонгадыл æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл. Сергей Меняйлойы ныхæстæм гæсгæ, Хуссар æфсæддон зылды штаб снысан кодта сидтонты нымæц. Уалдзыгон рæстæг хъуамæ уой 950 адæймаджы. Уыимæ ма республикæйы æфсады службæмæ кæй нæ фæнды, уыцы фæсивæды нымæц дæр гыццыл нæу. Регионы разамонæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй ахæм уавæр сæвзæрд, скъолаты патриотон хъомыладмæ фаг æргом кæй не здахынц, уый тыххæй. Фæсивæд æмæ сæ ныййарджытимæ хъæуы фылдæр ныхас кæнын. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй Цæгат Ирыстонæй рацыд бирæ зындгонд æфсæддонтæ, республикæйæ рацæуджытæ кадыл нымадтой, фыдыбæстæ хъахъхъæнын. Æмбырды ма куыд сбæрæг, афтæмæй уалдзæджы расидты кампанийы хуыздæр бæрæггæнæнтæ равдыста Мæздæджы район. Кæд коронавирусы тыххæй æвзæр уавæр сæвзæрд, уæддæр æмбырдгæнæн пунктты æххæстгонд цыдысты санитарон домæнтæ. Ахæм бæрзонд æмвæзадыл саразынмæ хъавынц уалдзыгон расидт дæр. Ахæсдзæн 15 июлмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æфсадмæ уалдзыгон расидты кампанийы фарстатыл æрдзырдтой сæрмагонд æмбырды рæстæг

Категория:

Новости и СМИ