Цæгат Ирыстоны хъæууонхæдзарадон продукцийы рауагъдад, фароны бæрæггонд æмгъуыдимæ абаргæйæ
Цæгат Ирыстоны хъæууонхæдзарадон продукцийы рауагъдад, фароны бæрæггонд æмгъуыдимæ абаргæйæ, 13% фæфылдæр. Æмткæй райсгæйæ равдыста 5 млрд 170 милуан сомы. Уый тыххæй хъусын кæны Цæгат Кавказы федералон зылды паддзахадон статистикæйы службæ. Специалистты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æппæт хæдзарæдты стурвосы нымæц июлы кæронмæ уыд 94 мин сæрæй фылдæр, уый та, фаронимæ абаргæйæ, у 6,1% фылдæр. Зынгæ фæфылдæр хъæууонхæдзарадон продукци уæй кæныны бæрц. Фыццæгæм июнмæ зæхкусджытæ хор æмæ халсартæ байтыдтой 71 мин гектарæй фылдæр, картоф - 4 гектарæй фылдæр, халсартæ - 2 мин гектармæ `ввахс. Халсартæ, фаронимæ абаргæйæ, байтыдтой 7,1% фылдæр. Январæй июлмæ æхсыры кондад равдыста 100 мин тоннæйæ фылдæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны хъæууонхæдзарадон продукцийы рауагъдад, фароны бæрæггонд æмгъуыдимæ абаргæйæ
Категория:
Новости и СМИ