Цæгат Ирыстоны ацыд III мæскуыйы æппæтадæмон экономикон форумы регионалон хай
Экономикæ, экологи æмæ энергетикæ - дæрддзæф районты æмæ хъæуты. Ахæм нысанимæ регионалон форум сарæзтой Хъобаны. Архайдтой дзы Уæрæсейы алы регионтæй ахуыргæндтæ. Ахуырадон æхсæнады фенæн уыд æрыгон иртасджыты Украинæ, Гуырдзыстон, Казахстан æмæ Израилæй. Мадзалы сæйраг хæс - æппæтадæмон экспертон дискусси саразын, стæй экономикон теори æмæ практикæйы рæзты сæйраг къабæзтыл бакусын. Форумы сæйрагдæр бонтæ ацæудзысты 26-æм æмæ 27-æм майы Мæскуыйы. Йæ аразæг у Уæрæсейы наукæты академи, Уæрæсейы экономикон æхсæнад æмæ экономистты æппæтадæмон цæдис. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ Цæгат Ирыстоны форумы регионалон хай сарæзтой фыццаг хатт. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны ацыд III мæскуыйы æппæтадæмон экономикон форумы регионалон хай
Категория:
Новости и СМИ