Федералон агуырды цы закъонхалæг уыд, уыйы æрцахстой
Наркотик «Метадон»-ы зилдухы тыххæй, федералон агуырды цы закъонхалæг уыд, уыйы æрцахстой. Дзæуджыхъæуы пъæлицæйæгтæ куыд рабæрæг кодтой, афтæмæй 47 аздзыд нæлгоймаг раздæр уыд тæрхонгонд. Йæхи æмбæхста барадхъахъхъæнджытæй: арæх ивта йæ чырæ телефоны номыр. Фæлæ пъæлицæйæгты оперативон-техникон мадзæлтты руаджы афоныл сæмбæлдысты закъонхалæгыл. Цалдæр боны йæм цыд сæрмагонд цæстдард. Куы йæ æрцахстой, уæд пъæлицæйы хайады йæ азымыл басаст. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй йæхи æмбæхста æфхæрд ма баййафыны тыххæй. Ныр йæ ныхмæ байгом кæндзысты уголовон хъуыддаг, Уголовон кодексы 228-æм уацмæ гæсгæ. Гæнæн ис æмæ ахæстоны фæбада 10 азмæ ввахс. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Федералон агуырды цы закъонхалæг уыд, уыйы æрцахстой
Категория:
Новости и СМИ