Арвыкомы фæндаг у гом хæдтулгæтæн дæр
Æмæ ма ахсджиаг хъусынгæнинаг. Арвыкомы фæндаг сахаты `рдæджы размæ æххæстæй байгом кодтой. Æнæнхъæлæджы цауты регионалон разамынды пресс-службæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ йыл цæуыны бар ис куыд рог, афтæ уæзласæн хæдтулгæтæн дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, боныхъæды уавæрты аххосæй фæндаг æхгæд кæй уыд. Фæлæ ирвæзынгæнджытæ сидынц адæммæ, цæмæй æнæхъуаджы фæндагыл ма цæуой. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Арвыкомы фæндаг у гом хæдтулгæтæн дæр
Категория:
Новости и СМИ