Центр «Тамискъ» ы йе 'нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы сывæллæтты ныййарджытæн уыд семинар
Цæгат Ирыстоны йе 'нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы сывæллæтты ныййарджытæн ацыд сæрмагонд семинар. Мадзал бацæттæ кодта сывæллæтты реабилитацион центр «Тамискъ». Фембæлд ацыд, зын уавæры чи бахауд, уыцы сывæллæттæн баххуыс кæныны фонды проекты фæлгæты. Нырыккон проекты фæрцы дзæбæхгæнæндæттæй дæрддзæф ран чи цæры, уыцы сывæллæттæ исдзысты медицинон æххуыс. Уый тыххæй бацæттæ кæндзысты сæрмагонд къордтæ. Проект аххæсдзæн 100 сывæллоныл. Республикæйы алы районтæй, се 'нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы сывæллæтты ныййарджытæ æрæмбырд сты реабилитацион центр «Тамискъ»-ы. Бацæттæ сын кодтой сæрмагонд семинар. Мадзал сбастой хæдзары микрореабилитацион центры куыстимæ. Архайджыты 'хсæн Урсдоны цæрæг Бозырты Ритæ. Сылгоймаг хъомыл кæны æртæ сывæллоны. Йæ астæуккаг чызгмæ ис эпилепси. Боны дæргъы 10-аздзыд чызгмæ цалдæр хатты вæййы приступ. Сылгоймаджы ныхæстæм гæсгæ микрореабилитацион центр сын зынгæ фенцондæр кæндзæн сæ уавæр. Медицинон æххуыс райсын сæ бон уыдзæн Алагиры, Дигуры æмæ Æрæфы районты цæрджытæн. Проект царды уадзынц сывæллæтты реабилитацион центр «Тамискъ»-ы. Рамбылдтой, царды зын уавæры чи бахауд, уыцы сывæллæттæн æххуысы Фонды грант. Мобилон къорды 'хсæн —центр «Тамиск»-ы медицинон кусджытæ æмæ специалисттæ. Хæдзары микрореабилитацион центр у егъау æххуыс куыд сывæллæттæн, афтæ ныййарджытæн дæр. Æххуыс бацагурынӕн хъæуы, адæймаг цы районмæ фидаргонд у, уыцы районы социалон лæггæдты центры сæрмагонд хыгъды хи бафыссын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv