Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадыл ныхас кодтой абон тымбыл стъолы
Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадыл ныхас кодтой абон тымбыл стъолы. Архайдтой дзы Фысджыты Цæдисы минæвæрттæ, скъолаты директортæ, æхсæнадон архайджытæ. Литературон фембæлдмæ ма саккаг кодтой Цæгат Кавказы цалдæр регионæй ирон диаспораты минæвæрттæ. Архайджыты ныхæстæм гæсгæ, ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстад бæрзонд æвæрд у, канд нæ республикæйы нæ, фæлæ ма æндæр бæстæты. У Ирыстоны уарзондæр фыссæг. Мадзал сбастой 15 октябры Хетæгкаты Къостайы райгуырды 161 азы бонимæ. Архайджытæ ныхас кодтой ирон æвзаг бахъахъхъæныныл, кæрæдзийæн фæлтæрддзинад амоныныл. Сæ ныхæстæм гæсгæ, ахсджиаг у, цæмæй рæзгæ фæлтæр мадæлон æвзаг ахуыр кæна æмæ йыл дзура. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадыл ныхас кодтой абон тымбыл стъолы
Категория:
Новости и СМИ