Коронавирусæй рынчынтыл Цæгат Ирыстоны бафтыд 71 адæймаджы
Коронавирусæй рынчынтыл Цæгат Ирыстоны бафтыд 71 адæймаджы. Æдæппæтæй сæ нымæц у 8 679. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы дзæбæхгæнæндæтты ис 1 308 адæймаджы. Уыдонæй Тагъд Æххуысы Клиникон Рынчындоны 618, COVID-мæ 149-æй, реанимацийы 60 адæймаджы, аппаратты фæрцы улæфынц 18-æй. Республикон Клиникон Рынчындоны ныртæккæ ис 625 адæймаджы. Коронавирус дзы ис 165-мæ. Реанимацийы хайады 63 рынчыны. Аппараты фæрцы улæфынц 17-æй. Сывæллæтты Республикон Клиникон рынчындоны та коронавирусимæ 15 сывæллон æмæ 9 хистæр кары адæймаджы ис. Рынчындоны сæйраг дохтыр Икъаты Руслан. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Коронавирусæй рынчынтыл Цæгат Ирыстоны бафтыд 71 адæймаджы
Категория:
Новости и СМИ