Гæбæраты Сосланæн æвæстиатæй хъæуы йæ зæрдæйæн скæнын операци
Гæбæраты Сослан нырма хæрзчысыл у, цæуы йыл авд азы. Райгуырд зæрдæйы низимæ. Ныридæгæн бавзæрста 4 операцийы. Немыцаг дохтыртæ йын æркастысты йæ уавæрмæ. Хаьдзæгмæ æрцыдысты: æвæстиатæй сывæллонӕн хъæуы операци кӕнын. Йæ аргъ авд милуан сомæй фылдæр у. Сосланы бинонтæм уый бæрц фæрæзтæ нæ разынд. Куыд ис лæппуйæн баххуыс кæнӕн, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæг. Гæбæраты Сослан райгуыд зæрдæйы низимæ. Лæппуйыл цæуы 7 азы. Ныридæгæн ын скодтой 4 операцийы йæ зæрдæйӕн. Кæд йе 'мгæрттæ æрвылбон сæ уæгъд рæстæг æрвитынц алыхуызон къорды, уæд Сослан та фылдæр вæййы рынчындоны. Æппынæдзух хостæ æмæ медицинон иртæстытæ. Фæлæ Сосланы æнæниздзинад хуыздæр нæ кæны. Ӕнцон нӕ уыд низ дзӕбӕх кӕнын. Ахӕм хатдзӕгмӕ 'рцыдысты немыцаг дохтыртӕ. Лæппуйыл аст мæйы куы цыд, уæд ын скодтой операци. Цыд 15 сахаты. Дохтыртӕ бакуыстой зӕрдӕйы куысты 5 хъӕндзинады сдзæбæх кӕныныл. Фæлæ уый дæр фаг нæ разынд. Авд азы фæстæ хъуамæ ногæй скодтаиккой операци. Рæстæг куы æрхæццæ, уæд Берлинмæ афтын пандемийӕйы тыххæй сæ къухы нæ бафтыд. Сослан æнувыд у спортыл, йæхи фæлвæрдта тхэквондойы. Ныртæккæ йын тренировкæ кæнæн нæй. Йæ уавæрмæ гæсгæ йæхи фæирхæфсы чингуытæ кæсынæй, аразы алыхуызон дзауматæ пластилинæй, йе`фсымæримæ хъазы. Æмæ æнæмæнг — дохтырты амындмæ гæсгæ нуазы хостæ. Операци скæныны аргъ Германийы у 84 мин евройы. Уый уырыссаг сомтæй нымайгæйæ — 7 милуан сомы. Бинонтæм ахæм фæрæзтæ нæ разынд. Сæ фарсмæ æрбалæууыдысты хæрзаудæн фонд "Быть добру"-йы минæвæрттæ. Сæ къухы бафтыд 500 мин сомы æрæмбырд кæнын. Лæппуйы дохтырты æххуыс хъæуы æвæстиатæй. Сосланæн баххуыс кæнын у алкæй бон дæр. Гæбæраты бинонтæн ахсджиаг у алы сом дæр. Æрмæст иумæйаг тыхтæй у нæ бон сабийæн йæ цард бахъахъхъæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv