Дзæуджыхъæуы ацыд Рахизфарсы районы Ветеранты Советы кæронбæттæн конференци
Дзæуджыхъæуы ацыд Рахизфарсы районы Ветеранты Советы кæронбæттæн конференци. Дзырдтой сæ куысты æнтыстдзинæдты тыххæй, æрныхас кодтой фидæны пълæнттыл. Традицимæ гæсгæ, равзæрстой республикон æмвæзады минæвæртты æмæ организацийы разамонæджы. Сæрдарæй ногæй равзæрстой Гулуты Хизиры. Ветеранты Хæдзары ма байгом кодтой Тебиаты Златæйы равдыст. У къамисæг, нæ бæстæйы Журналистты Цæдисы уæнг. Йæ равдыст сбаста Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантимæ. Къамты равдыста Уæлахизы бонтимæ баст алыхуызон акцитæ æмæ Уæлахизы Парадтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы ацыд Рахизфарсы районы Ветеранты Советы кæронбæттæн конференци
Категория:
Новости и СМИ