Чызджыты хохы фахсыл ацыдысты ерыстæ скайраннингæй
Чызджыты-хохы фахсыл ацыдысты ерыстæ скайраннингæй. Ерысты сæйраг хæслæвæрд, иннæтæй тагъддæр къæдзæхмæ ссæуын. «Вертикальный километр», зæгъгæ, фæлварæн ацыдысты 15 спортсмены. Чемпионат Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд дыккаг хатт. Архайдтой куыд нæлгоймæгтæ афтæ сылгоймæгтæ дæр. Хæрдмæ цæуынæй ерысты рæстæг ахсджиаг у альпинистты æмгуыстад. Кæрæдзийæн æххуыс кæнгæйæ æмæ тыхтæ раст хардзгæнгæйæ рæдийæн нæй. Ам уæвын хъæуы къæрцхъус. Трассæйы дæргъ уыд æртæ километры. Уæлазиздзауты сбæрæг кæндзысты рæстæгмæ гæсгæ. Рæстæг та сын æртæ сахатæй фылдæр нæ уыд. Скайраннингы спорт хуымæтæджы хуыз нæу. Ахуыр кæны адæймаджы фæразондзинадыл, стæй йын æргом кæны йæ алыхуызон миниуджытæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Чызджыты хохы фахсыл ацыдысты ерыстæ скайраннингæй
Категория:
Новости и СМИ