Ахæм хабæрттæ // 2020 / 10 декабря
Социалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объекттæ ацы аз хъуамæ арæзт æрцæуой нысангонд æмгъуыдмæ. Ахæм хæс радта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав. регионалон штабæн уыд сæрмагонд æмбырд. Цавæр хатдзæгтæм ма æрцыдысты? Зымæгон рæстæг фæндæгты уавæрмæ чи кæсдзæн, национ проектты ахадындзинад куыд бæрæг кæныный, стæй Аланийы аргъуыды 1100 азы юбилеймæ куыд цæттæ кæнынц. Ацы æмæ æндæр фарстатыл Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз æрдзырдта кусæг фембæлдтыты. Æнгом бастдзинад йæ фыды уæзæгæй дарддæр чи цæры, уыдонимæ. Национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрад æмгуыст кæны ирон диаспоратимæ. Алыхуызон гæнæнтæ æмæ мадзæлттæй не ‘сзæххонты разæнгард кæнынц. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахæм хабæрттæ // 2020 / 10 декабря
Категория:
Новости и СМИ