Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æрцахстой Дзæуджыхъæуы 23-аздзыд нæлгоймаджы
Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æрцахстой Дзæуджыхъæуы 23-аздзыд нæлгоймаджы. Азымджын æй кæнынц искæй æнæниздзинадæн уæззæу знаггад ракæнды. Куыд рабæрæг, афтæмæй хуыцаубоны æхсæвы горæты кæцыдæр рестораны фæбыцæу сты æрыгæттæ. Сæ кæрæдзи нæ бамбæрстой æмæ ресторанæй араст сты Джызæлы рдæм. Фыдракæнæг барадхъахъхъæнджыты куы федта, уæд лидзынвæнд скодта, йæ хæцæнгарз та хæдтулгæйы бын баппæрста. Уыцы рæстæг бынатмæ фæзынд пъæлицæйы уæлæмхасæн къорд. Фыдгæнæджы уайтагъд æрцахстой. РЦИ-Аланийы мидхъуыддæгты министрады пресс-службæйы минæвар Доййаты Иринæ: «Ныхас кæнгæйæ бавнæлдтой æхсæн хæцæнгæрзтæм. Фæцæф дзы 28-аздзыд бынæттон цæрæг. Хæстæгдæр цы пъæлицæйæгтæ уыдысты, уыдон куыддæр æхстыты хæр фехъуыстой, афтæ бынатмæ фæтагъд кодтой». РЦИ-Аланийы паддзахадон автоинспекцийы федералон фæндæгты инспектор Хъæстуаты Олег: «Куыд рабæрæг, афтæмæй раздæр уыд тæрхонгонд. Цæуы йыл 23 азы. Цы æрыгон лæппу фæцæф, уый та сæмбæлын кодтой медицинон уагдонмæ. Закъонхалæджы бакодтой слестгæнæн хайадмæ. Йæ ныхмæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг УФ-йы Уголовон кодексы 111 æмæ 222 статьятæм гæсгæ». _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æрцахстой Дзæуджыхъæуы 23-аздзыд нæлгоймаджы
Категория:
Новости и СМИ