Журналисттæн Дзæуджыхъæуы уыд пресс тур
Дзæуджыхъуы, Джызæлы, Алагиры, Æрыдоны, Беслæны, Дигорайы цæрджытæ тагъд сæ риуы 'мбæрц сулæфдзысты. Нал сæ тыхсын кæндзæн бырондæтты æвзæр тæф. 2022-æм азы кæронмæ сыл бакусдзысты. Уый тыххæй фехъусын кодтой пресс-туры рæстæджы. Журналистты та базонгæ кодтой «Спецэкосервис»-ы æмæ скъолайы хæринаджы комбинаты архайдимæ. Рæхсджы Дзæуджыхъæуы æмæ Джызæлы цæрджытæ сулæфдзысты сыгъдæг уæлдæфæй. Бирæ азты дæргъы сæ тыхсын кæны бырондоны æвзæр тæф. Уæлдайдæр та сæрдыгон. Адæм æй æмбарын райдайынц цалдæр километрмæ. Уæвгæ, объекты рекультиваци райдыдтой фарон. Бирæ фыдæбон дзы ис, зæгъынц кусджытæ. Ныртæккæ уал 37 гектары фæзуатыл цы бырон ис, уый æмбырд кæнынц иу ранмæ. Стæй сæ уæд сæрмагонд техникæйы руаджы сраст кæныдзысты æмæ баныгæндзысты геосинтетикон буаргъæдтæ кæй хонынц, ахæмты бын. Уыдон сты сæрмагондæй зæххы æууæлтæ фæхуыздæр кæнынæн. Æмбийгæйæ та зиан не 'рхæсдзысты æрдзæн. Æппæтæй ахсджиагдæр та уый у, æмæ æвзæр тæф адæмы нал тыхсын кæндзæн. Бырондоны рекультиваци арæзт цæуы национ проект «Экология»-йы иу хай «Чистая страна» æххæсткæнгæйæ. Цæгат Ирыстоны ацы хъуыддагмæ йæ цæст дары Æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министрад. Уыимæ ма фæндты ис бынаты цъæх фæлыст байтауын. Ацы программæйы фæлгæты ма рекультиваци скæндзысты Беслæны, Æрыдоны, Алагиры æмæ Дигорайы бырондæттæ. Куыстытæ кæронмæ æрхæццæ уыдзысты 2022 азы. Уæдмæ та уал цæрджыты хъæуы анхъæлмæ кæсын, зæгъынц специалисттæ. Уæвгæ, ацы хъæуыддаг республикæйы разамынд фæнд кæнынц нырыккон домæнтæм гæсгæ снывыл кæнын. Цæмæй раппæлой, уый ис «Спецэкосервис»-ы кусджытæн дæр. Сæ куыстуаты баивтой зæххы бын цы хæтæлтæ цæуы, уыдон се 'ппæт дæр. Цалцæггæнæн æрмадзтæн сног кодтой сæ сæртæ. Уыимæ ма донæй хъармгæнæнтæ баивтой уæлдæфонтæй. Уый руаджы ныртæккæ æрмадзты у хъарм. Зæгъын хъæуы, æмæ ахæм уавæрты никуы куыстой. Суткæгай чи кусы, уыдонæн дæр скодтой æмбæлгæ уавæртæ. Бынаты сын сарæзтой фæлладуадзæн агъуыст хуыссæнтимæ, ис сын хæрæндон дæр. Сæрды йæ бындуронæй сцалцæг кæндзысты. Куыстуаты ма фæзынд йæхи хъармгæнæн дæр. Куыстуаты ис сæрмагонд бынат хæдтулгæтæ æхсынæн. Ам сæ алы рады фæстæ дæр ныссыгъдæг кæнынц. Ис ма дзы цалцæг кæнынæн цалдæр бынаты дæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ сæм ис æппæт хъæугæ сæрмагонд техникæ. Уыцы иу рæстæг горæты уынгтæм сæ бон рацæуын у 15 иуæгæн. Стыр æргом 'здæхт цæуы хæдтулгæты техникон уавæрмæ. Ам ма сцалцæг кодтой административон бæстыхай. Фæзындис сæм медицинон пункт дæр. Алы рады размæ шофыртæ ацæуынц медицинон æркаст. 15-æм февралæй фæстæмæ куыстуаты архайд уыд тынг активон. Фæндæгтæ æфснайдтой митæй, пырх сыл кодтой змис æмæ цæхх. Журналисттæн ма равдыстой Дзæуджыхъæуы скъолайы хæринаджы комбинаты архайд дæр. Алы бон ам сихор цæттæ кæнынц 16 мин скъоладзауæн. Зæгъæм, ацы хатт сывæллæттæ бахæрдзысты картофы ссæст æмæ кæсаг. Алы бон дæр сабитæн ног хæринæгтæ цæттæ кæнынц, уымæн æмæ хъуамæ исой хъæугæ витаминтæ. Хæринæгты хыгъдыл бакуыста Фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени. Уæлдай цымыдиссаг журналистæм фæкаст хуыссæимæ кæм архайынц, уыцы цех. Хъарм гуылтæ æмæ басылтæ - ам цы хæрдæфыл сæмбæлдысты, уый се 'ппæтæн дæр зонгæ æмæ уарзон у йæ сабибонтæй. Фæлæ ахсджиагдæр уый у, æмæ хæринаг кæй цæуы сывæллæтты зæрдæмæ. Гугкаты Иринæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Журналисттæн Дзæуджыхъæуы уыд пресс тур
Категория:
Новости и СМИ