Дигорайы районы уыд РЦИ Аланийы хацауады æмбырд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

Дондзæуæн системæтæ, медицинон уагдæтты куысты хъæндзинæдтæ æмæ æхсæнадон бынæтты арæзтад. Дигорайы районы ацыд республикæйы хицауады æмбырд. Сæрдариуæг дзы кодта Тускъаты Таймураз. Фембæлды æрныхас кодтой районы риссагдæр фарстатыл. Дигорайы районы сæйраг рынчындоны кредитон хæстæ сты 40 милуан сомы бæрц. Уымæй уæлдай ма дзæбæхгæнæндон адæмæн медицинон лæггæттæ бæстонæй не 'ххæст кæны. Афтæмæй, медицинон уагдоны кусджыты мызд регионы нымад у бæрзондыл. Ахæм уавæр цæмæ сывзæрд, уый сбæрæг кæнынæн Тускъаты Таймураз бахæс кодта лæмбынæг æркæсын рынчындоны куыстмæ. Медицинон къабазы темæйыл дарддæр ныхас кæнгæйæ районы администрацийы сæргълæууæг Хъодзасты Марклен куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Хъарман-Сындзыхъæуы амбулатори рагæй саразын хъæуы. Премьер районы администрацийы размæ хæс сæвæрдта, объектæн бынат цыбыр рæстæгмæ радих кæнын. Куыстытæн бахъæудзæн 25 милуан сомы. Уыимæ ма, районы рагæй хъæуы минералон дæттæй Цыколайæ Дигорамæ иувæрсты фæндаг саразын. Кæронмæ ахæццæ кæнын хъæуы Дигорайæ Хъарман-Сындзыхъæумæ иувæрсты фæндаджы арæзтад. Районы коммуналон хæдзарады къабаз 'ййафы къуылымпыдзинæдтæ. Электрон тыхæн цæрджытæ æвзæр фидынц. 4 мæймæ хæстæ систы 40 милуан сомы бæрц. Ныллæг æмвæзадыл сты хъармгæнæн системæйы фиддонтæ дæр. Районы 7 бирæфатерон хæдзары хъармæй ифтонг кæны сæйраг хъармдæттæн. Кæд æмæ цæрджытæм хъарм æнæ къуылымпытæй цæуы, уæддæр ын нæ фидынц. Фарста райхалæн ис адæмы хицæн хъармгæнæн системæмæ ракæнгæйæ. Район афæдзæй-афæдзмæ пайда кæнынц фылдæр донæй. Уымæ гæсгæ хъæуы Уырсдонæй Дигорамæ донцъирæн системæ саразын. Ныхас ма цыд æхсæнадон фæзтæ æмæ бирæфатерон кæртытæ снывыл кæныны фарстайыл. Фæстаг 2 азы районы базылдысты 5 æхсæнадон бынатмæ. Тускъаты Таймураз фæнысан кодта, программæйыл куыст куыд цæуы, уымæй разы кæй нæу. Республикæйы хицауады иннæ æмбырд уыдзæн Æрыдоны районы. Хуасдзауты Алинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дигорайы районы уыд РЦИ Аланийы хацауады æмбырд

Категория:

Новости и СМИ