Цæгат Ирыстоны цæттæ кæнынц хъæлæс кæныны иумæйаг бонмæ
Йе 'нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы цæрджытæй 70 мины бацархайдзысты 19 сентябры æвзæрстыты. Уый тыххæй сæрмагонд æмбырды фехъусын кодта республикæйы Центрон Æвзарæн Къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ. Йе ’нæниздзинады уавæрмæ гæсгæ схъæлæс кæнынымæ æрбацæуын кæй бон нæу, уыдонæн сæ цæрæн бынатмæ хæстæг бацæттæ кæндзысты æппæт фадæттæ. Ардæм хауынц сæрмагонд æвзарæн бынæттæ, кабинæтæ. Уыимæ ма сæрмагонд æнцон схизæнтæ æмæ, æвзæр чи уыны, уыдонæн та трафареттæ. Æвзарæн къамисы 'хсæн уыдзæн, æвзæр чи хъусы, ахæм адæмæн тæлмацгæнджытæ дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv