Экспертты æхсæнадон советы уæнгтæ бацæттæ кодтой COVID-19 дзæбæх кæнынæн амынддзинæдты æмбырдгонд
COVID-ы профилактикæ, низ раиртасыны æмæ дзæбæх кæныны мадзæлттæ бацæттæ кодтой иумæйаг æмбырдгонды. Бакуыстой йыл Уæрæсейы æнæниздзинадмæ цæстдарды управленийы экспертты æхсæнадон советы уæнгтæ. 1000 экземпляры дзы ныридæгæн байуæрстой Цæгат Ирыстоны дохтыртæн. Сæрмагонд амынддзинæдтæ пациентты дзæбæх кæнынæн фæнысан кодтой схемæты. Уæвгæ, ацы акцийы 'руаджы хъуамæ дохтырты зонындзинæдтæ фæфылдæр уой. Уæрæсейы æнæниздзинадмæ цæстдарды управленийы экспертты æхсæнадон совет йæ архайд дарддæр дæр æххæст кæндзæн. Фыццаджыдæр хъахъхъæндзæн пациентты бартæ. Ифтонг сæ кæндзæн æнæмæнг хъæугæ хостæй дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv