Национ проект «Экология»-йы руаджы сыгъдæг кæнынц Бехъаны цад
Цæгат Ирыстоны дарддæр архайынц Бехъаны цад ныссыгъдæг кæныныл. 50 азмæ йæ быны сæмбырд лами æмæ алыхуызон бырæттæ. Ныридæгæн фесты цæттæгæнæн мадзæлттæ. Специалисттæ дондзæуæн техникæйæ пайда кæнгæйæ сыгъдæг кæнынц цады бын. Бехъан нымад у æрдзы регионалон цыртдзæвæныл. Куыд архайынц йæ сыгъдæгдзинадыл ныртæккæ, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæг. Бехъаны цады бын 60-æм азтæй абонмæ сыгъдæггонд нæ уыд. Уыцы рæстæгмæ дзы фæзынд цъыфдзæстытæ æмæ мал. Ранæй-рæтты дзы лами сæмбырд метры бæрц. Уый та, специалистты ныхæстæм гæсгæ, бынæттон æрдз æмæ фаунæйæн уыд тынг тæссаг. Ацы аз январы дзы райдыдтой цæттæгæнæн куыстытæ æрдзон цыртдзæвæн бахъахъхъæнынæн. Цады цур сарæзтой проектон фæзуат. Куыстыты фылдæр хай ам æххæст кæнынц. Æркалдтой дзы хуыр. Йы быны та ис сæрмагонд текстиль. Афтæмæй цады бынæй лами цъиргæйæ дон фæстæмæ цадмæ ацæуы. Бехъан сыгъдæг кæнынц нырыккон гидротехникон технологитæм гæсгæ. Цæгат Кавказы федералон зылды дзы пайда кæнынц фыццаг хатт. Цады сæвæрдтой земснаряд, зæгъгæ, дондзæуæн гарз. Дондзæуæн гарз цады бынæй цъиры лами. Доны æлхъывдады руаджы цады бын цыдæриддæр ис, уыдон пульпопроводмæ ацæуынц. Дарддæр лами цъирынц геотубæтæм. Сты сæрмагонд полимерон гæрзтæ. Кусынц фæрсудзæны хуызы. Донæй байдзаг вæййынц 15 минутмæ. Сахаты дæргъы дзы дон æртæдзы æмæ ма баззайы æрмæст лами. Ламийæ куы байдзаг вæййынц геотубæтæ, уæд ма сæ, æппынкъаддæр, 9 боны афтæмæй ныууадзынц. Куы бахус вæййынц, уæд сæ алыг кæнынц. Бехъаны цад сыгъдæг кæнын райдыдтой национ преокт «Экология»-йы руаджы. Куыстытæ æххæст кæндзысты дыууæ азы дæргъы. Сæ фылдæр хай бакæндзысты ацы аз. 2022 азы мартъимæ 54 гектары бæрц фæзуат ссыгъдæг кæндзысты бырæттæ æмæ ламийæ. Уый руаджы цадæн фæзындзæн ног цард. Специалисттæ фидарæй зæгъынц, ацы куыстытæ суыдзысты 50 азы фаг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Национ проект «Экология»-йы руаджы сыгъдæг кæнынц Бехъаны цад
Категория:
Новости и СМИ