Национ æмæ паддзахадон программæты æххæстдзинадыл ныхас кодтой Хицауады æмбырды
Национ æмæ паддзахадон программæты æххæстдзинадыл та бон раздæр Сергей Меняйло ныхас кодта Хицауады уæнгтимæ. Зæгъдзыстæм уый, æмæ стадионы арæзтады кой дæр скодтой. Цæмæй куыстытæ ма фæстиат кæной, уый тыххæй республикæйы разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг бабар кодта дзуаппдæттæг министрадæн ахадгæдæрæй æвналын. Дзырдтой ма хи афтектæ паддзахадон рынчындæтты бæстыхæйттæй аиуварс кæныныл дæр, стæй зæххытæ æнæ аукционæй цы фæткмæ гæсгæ лæвæрдтой, ууыл. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй ныр ахæм хабæрттæн хъуамæ бынат мауал уа. Зæххытæ та уæвгæ дæр уал рæстæгмæ нал дæтдзысты. Хицауады æмбырды ма сфидар кодтой арæзтад æмæ архитектурæйы, стæй цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрадтæ баиу кæныны уынаффæ дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Национ æмæ паддзахадон программæты æххæстдзинадыл ныхас кодтой Хицауады æмбырды
Категория:
Новости и СМИ