Арвыкомы фæндаг æхгæд у уæзласæн хæдтулгæтæн
Арвыкомы фæндаг æхгæд у уæзласæн хæдтулгæтæн. Абон фæндагыл ацæуыны бар радтой автобустæн æмæ рог хæдтулгæтæн. Цыппар бонмæ рады сæмбырд 870 хæдтулгæйы. Цæндтæ адæргъвæтин сты 20 километры онг. Æнæнхъæлæджы цауты министрады Сæйраг управленийы фæрцы бынаты байгом кодтой хъармгæнæн пункт. Уым бæлццæтты бон у тæвд цай бацымын æмæ сæ фæллад суадзын. Дзæуджыхъæуæй Уæллаг Ларсы уадзæн пунктмæ кусы æртæ фысымуаты æдæппæтæй 80 бынатæн, 6 хæрæндоны, дыууæ артаджы станцæйы æмæ 500 иуæгæн 4 сæрмагонд бынаты хæдтулгæтæн. Зынвадат уавæры рæстæг ирвæзынгæнджыты æххуыс куы бахъæуа, уæд чырæ телефонæй бадзурæн ис 101, кæнæ та стационарон телефонæй - 01. Куыд зонут, афтæмæй Арвыкомы фæндаг цæуы Дзæуджыхъæуæй Тбилисмæ æмæ иу кæны Уæрæсе Фæскавказы бæстæтимæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Арвыкомы фæндаг æхгæд у уæзласæн хæдтулгæтæн
Категория:
Новости и СМИ