«Иры Стыр ныхас»-ы президиумы фыццаг æмбырд абон уыдис Дзæуджыхъæуы
«Иры Стыр ныхас»-ы президиумы фыццаг æмбырд абон уыдис Дзæуджыхъæуы. Сæрдариуæг дзы кодта Кучиты Руслан. Æмбырды архайджытæ скодтой хатдзæгтæ ивгъуыд азæн æмæ фидæнмæ нысæнттæ сæвæрдтой. «Иры Стыр ныхас»-ы сæрдары хъуыдымæ гæсгæ, фыццаджыдæр æргом аздахын хъæуы Советы куысты фæткмæ. Координацион органы уæнгтæн сæ 70% сты, 65 азы сæрты чи ахызт, ахæм ацæргæ адæм. Пандемийæйы рæстæг сæ хъæуы уæлдай къæрцхъусдæр уæвын. Уый хынцгæйæ, куысты уагæвæрд хъæудзæн сбæлвырд кæнын. Æрдзырдтой ма рæзгæ фæлтæры раст хъомылады фарстатыл дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Иры Стыр ныхас»-ы президиумы фыццаг æмбырд абон уыдис Дзæуджыхъæуы
Категория:
Новости и СМИ