Уæрæсейы хицауад сфидар кодта сæкæр æмæ зетийы æппæты фылдæр аргъ
Сæкæры килæ фæлхасгæнæгæн 45 сомæй фылдæр хъуамæ ма уа, зетийы литры аргъ та - 110 сомæй. Ахæм уынаффæ рахаста Уæрæсейы хицауад. Уыимæ ма сын снысан кодтой сæ иугуырæй уæййаджы æргътæ дæр. Сæкæры килæйæн - 36 сомы тæккæ фылдæр, зетийæн та - 95 сомы. Уынаффæ сфидар кæндзысты базарадон архайджытимæ æмгуыстады бадзырдæй. Ацы хойрæгтæ чи уадзы, уыдон дзырд радтой æргътыл æрхæцынæй æмæ амынд уынаффæйыл сразы уæвынæй. Хойрæгты æргътæ кæй рæзынц, уый раздæр фæнысан кодта нæ бæстæйы президент Владимир Путин. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы хъуыддагмæ коронавирусы пандемийæ ницы бар дары. Фæлæ, бæрæггæнæнтæм гæсгæ, сæкæр фæзынаргъдæр 71%, зети - 23%, ссад - 13%, макъаронтæ - 10% æмæ афтæ дарддæр. Ахæм уавæры `аххосаг хонынц, æгас дунейы æргътыл кæй бафтыд, уый. Президенты хъуыдымæ гæсгæ, хойрæгтæ дуканиты тæрхæджытыл сты, фæлæ сæ адæмы дзыпп сæхицæн нæ амоны. Уый фаг нысан фæцис бæстæйы Хицауадæн: йæ сæрдар Михаил Мишустин бæрнон кусджытæн бабар кодта ног къуыримæ ахадгæ мадзæлтты пълан снысан кæнын. Хъуамæ дзы бафыссой, æргътæ бауромыныл куыд кусдзысты æмæ уавæр куыд фæрогдæр уыдзæн, уый. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæрæсейы хицауад сфидар кодта сæкæр æмæ зетийы æппæты фылдæр аргъ
Категория:
Новости и СМИ