Бæрзыхъæуы байгом ис цыртдзæвæн Гуыриаты мыггагæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи архайдта, уыдоны кадæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

Алагиры районы абон байгом кодтой, Гуыриаты мыггагæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи архайдта, уыдоны кадæн цыртдзæвæн. Хæсты быдырмæ сӕ мыггагæй ацыдысты 157 адæймаджы. 85 дзы фæстæмæ нал сыздæхтысты. Мыггаджы минæвæрттæ, районы хицауад, ветеранты советы уæнгтæ æрбамбырд сты Бæрзыхъæуы хъæбатырты нæмттæ æрхъуыды кæнынмæ. Гуыриаты Ираны фыд Владимир уыд Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты архайæг. Хъыгагæн, хæсты быдырæй нал сыздæхт. 1942 азы фæмард Калининский облæсты. Иран йæ фыды никуы федта. Йæ фæдтæ ссараныл бирæ азты дæргъы архайдта. Гуыриаты Володяйы бинонтыл дæр хæст йæ фæд ныууагъта. Йæ фыд Мæирбег æфсадмæ ацыд 1937 азы. Уым æй æрыййæфта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Гуыриаты мыггагæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ ацыдысты 157 адæймаджы. 85 дзы сæ цард радтой райгуырæн бæстæйы сæраппонд. Хæсты быдырæй фæстæмæ нал сыздæхтысты. 72 -æн бантыст сæ хæдзæрттыл сæмбæлын. Хӕсты чидæр архайдта, уыдонӕн сæ нæмттæ сæнусон кодтой цыртдзæвæныл. Кадджын уавæры йӕ байгом кодтой Бæрзыхъæуы. Гуыриаты хъæбатырты кадæн цыртдзæвæн саразыны фæнд мыггагмæ рагæй уыд. Фæлæ къухы бафтыд ӕрӕджы. Гуыриаты хистæртæ бацархайдтой æрмæг сæмбырд кæныныл. Иумæйаг хъарутæй сын бантыст комплекс саразын. Кадджын мадзалмæ æрæмбырд сты мыггаджы минæвæрттæ, Алагиры районы хицауад, 58-æм æфсады службæгæнджытæ, республикæйы ветеранты советы уæнгтæ. Се 'ппæт дæр хæст сты иу хъуыдыйыл – хъуамæ нæ фыдæлты хъæбатырдзинад рох ма уа. Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты архайджыты æрымысыдысты алы кары адæм. Се 'ппæты ном дæр ссардтой. Куыд хистæртæ, афтæ сабитæ дæр. Мемориалон комплекс æнустæм адæмы зæрдыл лæууын кæндзæн хъæбатырты рухс нæмттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Бæрзыхъæуы байгом ис цыртдзæвæн Гуыриаты мыггагæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи архайдта, уыдоны кадæн

Категория:

Новости и СМИ