РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд Дыгуры районы сæргълæууæг Езеты Аланимæ
Дыгуры районы национ проектты фæлгæты цы куыст кæнынц, уый хъуамæ уа хæрзхъæд, конд та хъуамæ æрцæуа афойнадыл, нысангонд æмгъуыдмæ. Ахæм хæс Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав сæвæрдта районы разамонæг Езеты Аланыл. «Безопасные и качественные автомобильные дороги», зæгъгæ, национ проекты руаджы рацарæзтой Дигорайы иувæрсты цæуæн фæндаджы уаддзаг. Базилинаг ма у фæндаджы 3 км чысыл фылдæр. Цæмæй уый дæр национ проекты фæлгæты сцалцæг кæной, уый тыххæй æрдзырдтой фембæлды рæстæг. «Жильё и городская среда» проектмæ гæсгæ банывыл кæндзысты 4 æхсæнадон бынаты Дур-дур, Къора-Урсдон, Хъарман-Сындзыхъæу æмæ Николаевская станицæйы. Бынæттон цæрджытæн сараздзысты æнцонвадат фæлладуадзæн бынæттæ. Битарты Вячеслав ма бабар кодта Езеты Аланæн коронавирусы ныхмæ мадзæлттæ дарддæр æххæст кæнын, санитарон-эпидемиологон домæнттæн дзуапп куыд дæттой, афтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд Дыгуры районы сæргълæууæг Езеты Аланимæ
Категория:
Новости и СМИ