Тугъанты Владимиры схорзæхджын кодтой «Ирыстоны Намыс»-ы майданæй
Бæхыл бадыны спорты федерацийы вице-президент, Олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты архайæг, спорты сгуыхт мастер Тугъанты Владимиры схорзæхджын кодтой «Ирыстоны Намыс»-ы майданæй. Кадджын хæрзиуæг райста Цæгат Ирыстоны æххæстбарджын минæвар УФ-йы Президенты цур Дзанайты Барисы къухæй. Бæхыл бадæг Тугъанты Владимир зынгонд æгас дунейыл. Рамбылдта бирæ æппæтдунеон ерыстæ. Йæ архайдæн ын ахæм стыр аргъ кæй скодтой уымæй фæбузныг æмæ зæрдæ бавæрдта дарддæр дæр республикæйы кад бæрзонддæр кæй кæндзæн, уымæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Тугъанты Владимиры схорзæхджын кодтой «Ирыстоны Намыс»-ы майданæй
Категория:
Новости и СМИ