42 æхсæнадон бынаты æмæ 72 хæдзары кæртмæ базилдзысты 2021 азы
Дзæуджыхъæуы банывыл кæндзысты фонтанты фæз. Бирæ рæстæг цы фонтантæ нæ куыстой, уыдон «Формирование комфортной городской среды», зæгъгæ, федералон проекты фæлгæты реконструкцигонд æрцæудзысты. Фæзы сног кæндзысты плиткæ, рухсдæттæн системæ. Фæзындзæн ма дзы архитектурон чысыл формæтæ. Æппæт куыстытæ æххæстгонд куы æрцæуой, уæд та ацы бынат ногæй суыдзæн цæрджытæн уарзон. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ сæрмагонд проектмæ гæсгæ базилдзысты 42 æхсæнадон бынат æмæ 72 хæдзары кæртмæ. Иннæ азы кæронмæ равзардзысты подрядон организацитæ. Уый фæстæ семæ бафысдзысты контракттæ. Æмткæй райсгæйæ, 2019 азæй 2024-æм азмæ фæнд кæнынц сног кæнын 157 æхсæнадон бынаты æмæ 632 хæдзары кæрты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
42 æхсæнадон бынаты æмæ 72 хæдзары кæртмæ базилдзысты 2021 азы
Категория:
Новости и СМИ