Дзæуджыхъæ уы фæндаджы уæлцъарæн йæ фылдæр ивд æрцыд
Дзæуджыхъæуы фæндаджы уæлцъарæн йæ 50 %-æй фылдæр ивд æрцыд. Уый тыххæй фехъусын кодта фæндаггон арæзтады æмæ транспорты управленийы разамонæг Дзуццаты Тимур. Уый фæдыл Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав фембæлд арæзтадон организациты минæвæрттимæ. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй куыст хъæуы фæтагъддæр кæнын æмæ ацы сæрды кæронмæ фæуын. Дзæуджыхъæуы разамонæг ма бахæс кодта фæндаггон хахнысæнттыл рæвдздæр бакусын. Кæд кусджытæ фаг нæ кæнынц, уæд та сæмбырд кæнын хъæудзæн уæлæмхасæн бригадтæ, суынаффæ кодта горæты разамонæг. Фембæлды рæстæг ма фæнысан кодта, фæндæгтыл бонæй кæй кусынц, уымæй цæрджытæ хъаст кæнынц, зæгъгæ. Сæ куыстытæ къуылымпы кæны фæндаггон змæлд æмæ æвзарын кæны цæндтæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ацы аз сцалцæг кæндзысты фæндæгты 41 уадздзаджы. Уыдонæй 21 сты федералон программæ «Безопасные и качественные дороги»-йы фæлгæты. Дзæуджыхъæу ацы проекты архайы 3-аг аз. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv