Цæгат Ирыстоны хæстæгдæр бонты уæлдæфы температурæ схиздзæн 38 градусы онг
Цæгат Ирыстоны æнтæф бонтæ ахæсдзысты суанг иннæ къуырийы онг. Хæстæгдæр бонты уæлдæфы температурæ æхсæвы уыдзæн 20-25 градусы онг тæвд, бонæй та температурæ схиздзæн 37 градусы онг. 9-æм æмæ 10-æм августы, гæнæн ис æмæ уой æппæты тæвдæр бонтæ, уый тыххæй рагагъоммæ фехъусын кæндзысты. Хæххон районты уæлдæфы температурæ схиздзæн 38 градусы онг. Уый тыххæй хъусын кæнынц республикæйы Гидрометцентрæй.