тускав и цаллагов рабочая встреча
Дзæуджыхъæуы зæронд хайы фидауц бахъахъхъæнын, районты æмæ хæххон хъæуты цыртдзæвæнтæм базилын. Уыимæ ног бæстыхæйттæ хъуамæ историон хуыз ма халой. Ацы фарстатыл дзырдтой премьер Тускъаты Таймураз æмæ республикæйы архитектурæ æмæ горæты арæзтады комитеты сæрдар Цæллагты Алыксандр. Комитет æмгуыст кæны муниципалон скондты минæвæрттимæ. Уый фæрцы архитектурон арæзтæдты хæрзхъæддзинад хуыздæр кæны. Бынæттон хиуынаффæйады кусджытимæ районты бафыстой сæрмагонд бардзырд. Уымæ гæсгæ уал объекттæм арæзтады размæ æркæсдзысты архитектурæ æмæ горæты арæзтады комитеты специалисттæ. Цæллагты Алыксандр радзырдта, Мæздæджы Уæлахизы Парк куыд саив кодтой, уыимæ сæ хуыз скалдтой Беслæны уынгтæ æмæ парктæ. Фидæны уыцы куыст цæудзæн иннæ районты дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
тускав и цаллагов рабочая встреча
Категория:
Новости и СМИ