Гусаты Зарæ 10 азæй фылдæр у социалон кусæг
Социалон кусæджы професионалон бæрæгбон ма бæрæг кæны Гусаты Зарæ дæр. 10 азæй фылдæр фыдæбон кæны ацы къабазы. Йæ куысты сæйрагдæрыл нымайы адæмæн æххуыс æмæ лаггад кæнын. Уыдон дæр дзы сты бузынг. Ныхасы бар Пелиты Сабинæйæн. Афтæ фæлмæн цæстæнгасимæ æмæ мидбылхудтимæ Гусаты Зарæйыл сæмбæлынц хистæр кары адæм. 10 азæй фылдæр у социалон кусæг. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ куыст бирæ уарзы. Хойрæгтæ балхæнын, фатеры бафснайын, хъалонтæ бафидын, хæринаг скӕнын, хистæр адæймаджы æнæниздзинады уавæрмæ æркæсын. Куыст алкæддæр бирæ. Алцæмæ дæр бавналы сæрæнæй. Гусаты Зарæйы бæрны ис 13 адæймаджы. Иу бонмæ аххæсы æртæ кæнæ цыппарыл. Хистæртæ дзы сты бузныг. Бахъуаджы рæстæг алкæддæр æрбалæууы сæ фарсмæ. Профессионалон бæрæгбон куысты фæтк æппындæр нæ халы. Алцыдæр пъланмæ гæсгæ. Цалынмæ Зарæ иутæн æххуыс кæны, уæдмæ йæм иннæтæ æнхъæлмæ кæсынц ӕхсызгонӕй. Ирæ зæгъы, зӕгъгӕ, уый у бирæйы аргъ. Пелиты Сабинæ, Гаппуаты Хетæг, Ирыстоны Хабæрттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Гусаты Зарæ 10 азæй фылдæр у социалон кусæг
Категория:
Новости и СМИ