Медколледжы студенттæй сырх зонæйы чи куыста, уыдонæн рахай кодтой Медакадемийы бюджетон бынæттæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

Цæгат Ирыстоны медицинон колледжы 24 рауагъдонæн рахай кодтой Медицинон академийы сæрмагонд бюджетон бынæттæ. Ахæм фадат сын фæзынд республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлойы 'руаджы. Пандемийæйы рæстæг студенттæ куыстой сырх зонæты. Æххуыс кодтой дохтыртæн низимæ тохы. Медицинæимæ цард сбæттын Сартуаты Вероникæйæн йе стырдæр бæллиц уыд йæ сабибонтæй. 11-æм къласы фæстæ бацыд медицион колледжмæ ахуыр кæнынмæ. Пандемийæйы рæстæг чызг æнæ дызæрдыгæй ацыд республикæйы клиникон рынчындоны сырх зонæмæ. Уыцы бонтæ мысгæйæ, Вероникæ зæгъы, фыццаг рæстæг æнцон нæ уыд. Æнуд уæлæдарæс, сæрмагонд очкитæ æмæ маскæтæ. Сырх зонæйы куысты зындзинæдтæ мысы Газаццаты Елизаветæ дæр. Вирус парахат кæнын куы райдыдта, уæд чызг куыста Æрыдоны сæйраг рынчындоны. Елизавета ахуыр кодта медицинон хоты хайады. 1 курсæй фæстæмæ йæ фидарæй зыдта, дарддæр йæ дæсныйадыл медицинон академийы кæй бакусдзæн, уый. Ныр ма уал не сбæлвырд, кардиологи æви онкологийы къабазимæ сбæтдзæн йæ куыст, уый. Фæлæ æнæ медицинæйæ йæ фидæны цард нæ уыны. Ногæй йæ куы бахъæуа сырх зонæйы кусын, уæд, æнæмæнг, уырдæм дæр ацæудзæн. Медицинон колледжы рауагъдонтæ ныридæгæн радтой паддзахадон иумæйаг фæлварæн. Цæттæ кæнынц уæлдæр ахуыргæнæндæтты фæлварæнтæм. Сæ хатдзæгтæм гæсгæ сын æнæмæнг рахай кæндзысты сæрмагонд бюджетон бынæттæ уæлдæр медицинон ахуыргæнæндæтты. Медицинон колледжы директор фембæлд студенттæ æмæ сæ ныййарджытимæ. Арфæйы ныхæстæ сын ракодта. Сæ дарддæры ахуыры æнтыстдзинæдтыл дызæрдыг нæ кæны. Студенттæ регионы разамонæг Сергей Меняйлойæ бузныг сты, медицинон академийы ахуыр кæныны фадат сын кæй ис, уый фæдыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv