Цæгат Ирыстоны скъоладзаутæ дæттынц иумæйаг паддзахадон фæлварæн уырыссаг æвзагæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

12 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

12 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

12 просмотров

5 лет назад

Цæгат Ирыстоны скъоладзаутæ абон лæвæрдтой иумæйаг паддзахадон фæлварæн уырыссаг æвзагæй. Санитарон домæнтæм гæсгæ фæлварæн цæудзæн дыууæ боны. 3-æм æмæ 4-æм июны. Æртæ сахаты æмæ æрдæгмæ рауагъдонтæ бæрæг кæндзысты сæ зонындзинæдтæ. Алы кабинеты дæр кусдзæн видеоцæстарды системæ. Цæмæй фæлварæн æнæ уагхæлдтæй ацæуа. Дзырды нысаниуæг сбæрæг кæнын, æрхæцæн нысæнттæ хъуыдыйады мидæг раст сæвæрын æмæ сбæлвырд кæнын тексты сæйраг хъуыды. Æртæ сахат æмæ æрдæгмæ рауагъдонтæ хъуамæ баххæст кæной 27 хæслæвæрды. Фæлæ сæ куыст райдайыны размæ уал хъуамæ байхъусой фæлварæн аразджыты бæстон амынддзинæдтæм. Хъæстуаты Зæлинæ фæнд кæны тæлмацгæнæг суæвын. Уырыссаг æвзагæй уæлдай ма чызг дæтдзæн фæлварæн истори æмæ англисаг æвзагæй. Йæхи цæттæ кодта тынг бæстонæй. Уымæй дæр, цалдæр азы. Уымæ гæсгæ дзы ныфс ис хорз зонындзинæдтæ равдисын æмæ бæрзонд бæрæггæнæн райсын. Медицинон пункты дохтыртæ цæттæ сты экзамены рæстæг сывæллæттæн баххуыс кæнынмæ. Бахъуаджы рæстæг сабитимæ кусынц психологтæ. Куы тыхсой, уæд семæ ныхас кæнынц, цæмæй сæ зæрдæйы ахаст фæхуыздæр уа. Уырыссаг æвзаг кæддæриддæр дæттынц фылдæр рауагъдонтæ. Ацы аз фæлварæн цæудзæн дыууæ боны. 3-æм æмæ 4-æм июны. Аттестат райсынæн скъоладзауты хъæуы æппынкъаддæр 24 баллы райсын. Уæлдæр ахуыргæнæндæттæм ацæуынвæнд чи кæны, уыдон та 36 баллæй къаддæр хъуамæ ма райсой. Абон иумæйаг паддзахадон фæлварæн радтой куыд ацы азы, афтæ фароны рауагъдонтæ дæр. Сæ бæрæггæнæнтæ базондзысты 22 июнмæ. Хуасдзауты Алинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны скъоладзаутæ дæттынц иумæйаг паддзахадон фæлварæн уырыссаг æвзагæй

Категория:

Новости и СМИ