Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон академион театры ацыд Тылаттаты Бексолтаны мысæн изæр

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

6 лет назад

Сценæйы дæсны - афтæ хуыдтой йе мкусджытæ Тылаттаты Бексолтаны. Йæ сфæлдыстадон биографийы уыд цымыдисаг сурæттæ: героикон, комедион æмæ трагиконтæ. Хæдахуыр актер аивады уæлдæр къæпхæнтæм куыд схызт, уый тыххæй дзырдтой йе мкусджытæ. Цæгат Ирыстоны паддзахадон театры ацыд Уæрæсейы сгуыхт артисты мысæн изæр. Хæрзконд, хæрзуынд, саджы фисынтыл амад кæмæй фæзæгъынц, ахæм. 18-аздзыд джызæйлаг лæппумæ артист суæвыны фæнд никуы уыд. Уарзта ирон æвзаг, районы газетмæ фыста æмдзæвгæтæ æмæ йæхи цæттæ кодта ирон филологийы факультетмæ. Хъуыддаг цæхгæр аивта, скъолайы драмон къорды Плиты Грисы «Чермен» куы сæвæрдтой, уæд. Бексолтан дзы ахъазыд сæйраг роль. Æвзонг лæппуйы курдиаты тыххæй базыдта зындгонд режиссер Брытъиаты Зарифæ. Уæдæй фæстæмæ Бексолтан йæ цард снывонд кодта ирон драмон театрæн. Ирон театры фойейы зындгонд актеры номыл сарæзтой мысæн изæр. Мадзалмæ саккаг кодтой йе ’мкусджытæ, йæ хæлæрттæ, мыггаджы минæвæрттæ, телеуынынад æмæ радиойы кусджытæ. Æрымысыдысты йын йе сфæлдыстадон фæндаг. 150 спектаклæй фылдæр. Йæ репертуары уыдысты «Сослан Царазон», Плиты Грисы «Чермен», Солым - «Хъæздыг хæдзарæй», Макдуф - «Макбет», Бесæ - Амыранæй. Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист, Цæгат Ирыстоны адæмон артист Тылаттаты Бексолтан 70 азы фæлæггад кодта аивад æмæ Иры дзыллæйæн. Ныффыста дыууæ чиныджы: радзырдтæ æмæ миниатюрæтæ, уыимæ цардвæндаджы тыххæй автобиографион мыхуыр. Комеди уа, трагеди æви драмæ, артист-иу йæ алы сурæт дæр афтæ арф айста йæ зæрдæмæ, æмæ-иу адæмы йæхиуыл æмæ йæ сурæтыл æрæууæндын кодта. Цы фæлгонцтæ снывæзта, уыдон мыггагмæ баззайдзысты ирон аивады бæркадджындæр æвæрæнты. Бексолтанæн йæ сфæлдыстадон фæндаг уыд дæргъвæтин. Уарзон артист адæмы зæрдæты цæрдзæн æнустæм. Йæ ном та сыгъзæрин дамгъæтæй бафыста ирон театры фæрнджын историйы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон академион театры ацыд Тылаттаты Бексолтаны мысæн изæр

Категория:

Новости и СМИ