Æрыгон хоккеистты командæ йæхи цæттæ кæны ног хъæзтытæм

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

Æцæг спортсмен хъуамæ алцæмæ дæр рæвдз уа. Гол бакъуырынмæ дӕр, хорз ахуырмæ дæр. Ахæм фæтк йæ куысты æвæры æрыгон тренер Дзиуаты Виталий. Кусы ныр æртæ азы. Йæ командæ «Алайнаг фыранктӕм» ис рæсугъд бæллиц - сæ уарзон спорты хуызы бæрзонддæр къæпхæнмæ схизын. Тырнынц ӕм æнæрлæугæйæ. «Алайнаг фыранктӕ» алы уæлахизмæ дæр тырнынц иумæ. Ныртæккæ командæйæн райдыдта тренировкæты ног рæстæг. Фæсивæд æмæ тренер сæ размæ егъау нысæнттæ сæвæрдтой æмæ, цæмæй сæ къухы бафтой, уый тыххæй сæхиуыл кусынц æнæрлæугæйæ. Алы ног уæлахиз дæр — иумæйаг æмæ ахсджиаг. Командæйы ис 20 лæппуйы. Æрыгон хоккеисттæ æппæтуæрæсеон ерысты арæх бацархайынц. Æрæджы «Алайнаг фыранктӕ» сæ тыхтæ бавзæрстой «Сызгъæрин шайбæ» -йы турниры. 76 командæйы 'хсæн рацыдысты хуыздæрты рæнхъмæ. Спортсменты ныййарджыты ныхæстæм гæсгæ, уый, фыццаджыдæр, къухы бафтыд тренеры фæрцы. Дзиуаты Виталий фæсивæдимæ кусы 3 азы бæрц. Фыццаджыдæр сæ ахуыр кæны тренировкæты раст фæтк æххæст кæныныл. Ахсджиаг у алы лыстæгзинад дæр, æрмæст ихыл нæ, фæлæ цардыуаджы дæр. Суанг ма скъолайы цы бæрæггæнæнтæ райсынц лæппутæ, уый дæр базоны сæ тренер. Йæ ныхæстæм гæсгæ, шайбæ кулдуары бакъуырынæн æмæ зонындзинæдтæ райсынæн æмхуызон уӕз ис. Сæйрагдæр та йын у, цæмæй хъомылгæнинæгтимæ уа хæлар ахастдзинæдтæ. «Алайнаг фыранктӕм» ис рæсугъд бæллиц. Сæ уарзон спорты хуызы бæрзонддæр къæпхæнмæ схизын. Семæ иумæ та ихыл сæхи фæлварынц сабитæ дæр. Ардæм сæ исынц æхсæзаздзыдæй. Æмæ цалынмæ хистæртæ сæхи уæлахизмæ цæттæ кæнынц, уæдмæ кæстæр фæлтæр ахуыр кæнынц къахдзоныгътыл уæндон къахдзæфтæ кæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv