Цæгат Ирыстоны æхсæнадон палатæ «Иугонд Уæрæсе»-йы партийы регионалон хайадимæ бафыста бадзырд
Цæгат Ирыстоны æхсæнадон палатæ «Иугонд Уæрæсе»-йы партийы регионалон хайадимæ бафыста хъæлæс кæнынмæ цæстдарæн бадзырд. Фидæны ахæм бадзырдтæ бафысдзысты иннæ политикон партитимæ дæр. Хъæлæс кæныны бон уыдон кæсдзысты закъонхæлдтытæм. Сæйраг хæс – æвзæрстыты рæстæг уагхæлдтытæ ма руадзын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, хъæлæс кæныны иумæйаг бон кæй уыдзæн 19 сентябры. Цæгат Ирыстоны цæрджытæ æвзардзысты паддзахадон Думæмæ депутатты, муниципалон скондты æмæ хъæуты разамонджыты. Адæмы удæнцойæн процедурæ цæудзæн æртæ боны дæргъы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны æхсæнадон палатæ «Иугонд Уæрæсе»-йы партийы регионалон хайадимæ бафыста бадзырд
Категория:
Новости и СМИ