Фарæстæм кълæсты ахуырдзæуттæ радтой кæронбæттæн ныхас

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

Абон Цæгат Ирыстоны скъоладзаутæ дæттынц кæронбæттæн ныхас уырыссаг æвзагæй. 9-æм къласы ахуырдзаутæ сæ зонындзинæдтæ фæлварынц сæрмагонд хæслæвæрдты. Фæлварæны хатдзæгтæ сбæрæг сты. Кæронбæттæн ныхас, зæгъæн ис æмæ ницæмæй хицæн кæны хуымæтæг фæлварæнæй - билеттæ фæрстытимæ æмæ сæм бацæттæ кæнынæн рæстæг. Скъоладзауты бакусын хъæуы цыппар хæслæвæрдыл. Текст хъæрæй бакæсын æмæ йæ радзурын, бæлвырд æрмæджы тыххæй монолог, стæй ахуыргæнæгимæ ныхас. Кокойты Даниил фæлварæнмæ йæхи цæттæ кодта афæдзы 'рдæг. Æрыгон адæймаг йæхиуыл йæ ныфс дары. Интернет у æрмæст уæлæмхасæн фадат. Сæйраг зонындзинæдтæ сывæллæттæ райсынц скъолайы. Сæ ныхæстæм гæсгæ ахуыргæнджытæ сын уроктæй уæлдай арæзтой сæрмагонд ахуыртæ. Кæронбæттæн ныхас у ахсджиаг къæпхæн. Æнæ уымæй ахуырдзауты сæйраг паддзахадон фæлварæнмæ нæ бауаддзысты. Ахуыргæнджытæ размæ ис æндæр хæстæ дæр æвæрд. Кусынц сывæллæттæн цæмæй сæ бон дзурын æмæ дзуапп дæттын уа, ууыл. Фæлварæны ахадындзинады тыххæй дзурынц видеоцæстдарды системæ æмæ ахуырады министрады специалисттæ кабинетты. Кæсынц цæмæ домæнтæ æмæ фæтк æххæстгонд цæуа, куыд æмбæлы афтæ. 27-æм скъолайы аиппытæ нæ разынд. Кæронбæттæн ныхас æппæт Уæрæсейы дæттынц милуан æмæ рдæг скъоладзауы. Уыдонæй 7 500 хистæркъласоны Цæгат Ирыстонæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Фарæстæм кълæсты ахуырдзæуттæ радтой кæронбæттæн ныхас

Категория:

Новости и СМИ