Дзæуджыхъæуы дарддæр аив кæнынц бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ æмæ æхсæнадон бынæттæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 просмотров

5 лет назад

Дзæуджыхъæуы дарддæр аив кæнынц бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ æмæ æхсæнадон бынæттæ. Асфальт ногæй байтыдтой, бордюртæ, бандæттæ. Цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц парти «Иугонд Уæрæсе»-йы проект «Формирование городской среды»-йы фæлгæты. Ахджиаг та уый, у æмæ бынæттæ æвзæрст цæуынц цæрджыты курдиатмæ гæсгæ. Афтæмæй, зæгъæм, Дзæуджыхъæуы Вахтанговайы номыл уынджы цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ æрхæццæ сты. Ленины номыл уынджы та — нырма сты сæ тæккæ тæмæны. Æрæджы дæр ма ацы кæртмæ æрбахизæн нæ уыд. Фæндаг дзыхъхъытæ æмæ пырх. Æрбадæн нæ уыд зæронд бандæттыл. Ахæмæй йæ хъуыды кæнынц Вахтанговы номыл уынджы хæдзæрттæй иуы цæрджытæ. Абон сæ кæртмæ цæст кæсынæй не 'фсæды. Ног асфальт, бордюртæ æмæ бандæттæ. Ахæм ивддзинæдтæ цæрджытæ нымайынц æцæг лæварыл. Æхсæнадон бынæттæ æмæ бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ хæрзвадат кæнынц «Иугонд Уæрæсе» партион проект «Формирование городской среды»-йы фæлгæты. Фыццаджыдæр ивд æрцæуынц асфальттæ æмæ бордюртæ, рухсгæнæн мадзæлттæ æмæ бандæттæ. Афæдзы кæронмæ республикæйы фæнд кæнынц саив кæнын 42 æхсæнадон бынаты æмæ 88 кæрты. Ахджиаг ма уый у, æмæ цæрджытæ сæхæдæг æвзарынц, кæцы бæстыхай æрцæудзæн цалцæггонд, уый. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv