Октябрьскæйы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ацы хъæуæй чи архайдта, уыцы хæстонты кадæн байгом цыртдзæвæн
Октябрьскæйы бæрæгбоны хуызы гом æрцыд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ацы хъæуæй чи архайдта, уыцы хæстонты кадæн цыртдзæвæн. Æдæппæтæй сты 340 хæстоны. Бынæттон хиуынаффæйады администрацийы хъæппæрисæй цыртдзæвæн æвæрд ис Культурæйы галуаны фæзы. Мадзалы архайдтой администрацийы кусджытæ, интеллигенцийы минæвæрттæ, ирон эстрадæйы зарæггæнджытæ æмæ хъæуы цæрджытæ. Администрацийы сæргълæууæг Уалыты Руслан куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы хъуыддаг ахсджиаг у рæзгæ фæлтæры хъомыладæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Октябрьскæйы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ацы хъæуæй чи архайдта, уыцы хæстонты кадæн байгом цыртдзæвæн
Категория:
Новости и СМИ