Фыййаджыбылы цæуынц хъæуы нывылгæнæн куыстытæ
Фыййаджыбылы райдыдтой кусын хъæуы райрæзтыл. Бирæ азты дæргъы дзы бындурон цалцæггæнæн куыстытæ нæ цыд. Хъæуы фелсырон-акушерон пункт æрцыдис заууат уавæрмæ. Къахвæндæгтæ дæр уыдысты хуыздæр хъуаг. Фæлæ национ проектты фæрцы хъуыддаг хорзы 'рдæм аивта. Не*сфæлдыстадон къорд уыдис Фыййаджыбылы. Куыст йæ тæккæ тæмæны бацыд. Ахуыргæнджытæ, сывæллæттæ, скъолайы разамонæг æмæ техникон персонал ахуыры азы райдианмæ сæхи цæттæ кæнынц. Семæ сты рæвдауæндоны кусджытæ дæр. Ацы скъола арæзт æрцыд 2007 азы. У ног. Фæлæ цæмæдæр гæсгæ афæдзæй-афæдзмæ тынгдæр хæлы. Ахуыргæнджыты ныхæстæм гæсгæ, æвæццæгæн, æвзæр арæзт кæй æрцыд, уый тыххæй ис ныртæккæ ахæм уавæры. Алы аз дæр æй хъæуы чъырæй цæгъдын, йæ уæлхæдзар дæр у аразинаг. Æрæджы Фыййаджыбылы райдыдтой кусын хъæуы райрæзтыл. Хъæуы цæрджытæ уымæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Уымæн æмæ бирæ бæстыхæйттæ æрцыдысты æвзæр уавæрмæ. Зæгъæм, хъæуы бацæуæнмæ цы къахфæндаг ис, уый райдыдтой цалцæг кæнын. Хъæуы хицау ма куыд загъта, афтæмæй æрæджы цы ивддзинæдтæ радйдыта цæуын Фыййаджыбылы, уыдонмæ цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты æмæ сæ зæрдæ райы. Бæллыдысты, цæмæй сæ уарзон хъæу аив æмæ рæсугъæд уа. Уымæй уæлдай ма ныртæккæ Фыййаджыбылы райдыдтой аразын ног фелсырон-акушерон пункт. Раздæры фелсырон-акушерон пункт 1960 азтæй нырмæ цалцæггонд нæ уыд. Æрцыд заууат уавæрмæ. Фæлæ дзы ныртæккæ цы ног бæстыхай аразынц, уый дзуапп дæтдзæн æппæт нырыккон домæнтæн дæр. Æппæт ацы цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц Национ проекттæ «Здравоохранение» æмæ «Безопасные и качественные дороги» - мæ гæсгæ. Сæ фæрцы нæ республикæйы хъæутæн сæ фылдæры тагъд фæзындзысты ногарæзт бæстыхæйттæ. Къутæрты Аидæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фыййаджыбылы цæуынц хъæуы нывылгæнæн куыстытæ
Категория:
Новости и СМИ